21 ноября 2024

ÆНГЪÆЛМÆГÆСÆГ ФÆЛЛАЙГÆ НÆ КÆНУЙ

14.09.2024 | 22:38

Адæмæн сæ социалон уавæртæ цæйбæрцæбæл сагъæссаг æнцæ, уомæн ирд æвдесæн æй, дзиллон хабархæссæг фæрæзнити уой фæдбæл аллихузон æрмæгутæ еудадзуг ке фæззиннуй, е дæр. Зæгъæн, газет «Советская Россия» куд игъосун кæнуй, уотемæй дзиллон цæстингаси Фонди æрфарстмæ гæсгæ  уæрæсейæгтæн айдагъдæр сæ 22% сæ материалон уавæртæ нимайунцæ хуарзбæл. Сæ 60% ба сæ цардиуагæ нимайунцæ   æгудзæггомаубæл. Уæлдай нивгундæрбæл сæхе нимайунцæ – мæскуйæгтæ (36%). Сæ карæмæ гæсгæ нимайгæй ба сæхе неци гъæуагæ хонунцæ 18-30 анзей уæнгæ кæбæл цæуй, уæхæнттæ. Бустæги æгудзæгбæл сæхе нимайунцæ, 60 анземæй уæлæмæ кæбæл цæуй, еци кари адæм, уæдта, 50 мин адæймагемæй минкъийдæр ци сахартæ æма гъæути ес, уонæми цæргутæ.

Царди исконд уотæ ’й, æма адæймаг цийфæнди тухст уавæрти ку бахауа, уæддæр гъæуама ма истухса, хуæздæр исонибонбæл æ зæрдæ дара. Ка ’й зонуй, кæмæндæрти нифсдæттæг фæууодзæнæй, æрæги «Российская газета» ци хабар фегъосун кодта, е дæр.

Цæветтонгæ, Уæрæсей экономикон ирæзти министрадæ куд фегъосун кодта, уомæ гæсгæ аци анз кустбæл федуни мизди бæрцæ 9,2%  фæффулдæр уодзæнæй. Фæстаг æнзти уотæ  бæрзондмæ некæдма исхизтæй еци бæрæггæнæн.

Аци анз адæми æфтуйæгтæ фæббæрзонддæр уодзæнæнцæ 7% бæрцæ, 2025 анзи – никкидæр ма 6,1%, 2027 анзи ба 3,4%. Уой хæццæ ба ма, кусти равгитæ кæмæн нæййес, еци адæми нимæдзæ гъæуама исуа тæккæ минкъийдæр– 2,6% хæстæгдæр æнзти дæргъи, 2023 анзи еци бæрæггæнæн адтæй  3,2% уæнгæ.

* * *

Кусти фæдбæл феддонтæ ке фæффулдæр уодзæнæнцæ, е бæргæ хуарз æй. Фал… Аци хабармæ гæсгæ зæрдæбæл æрбалæууй рагон игъæлдзæг дзубанди. Еу зæронд гурдзиаг лæги бафарстонцæ, гъома,  коммунизммæ ке цæуæн, уой фæдбæл ци гъуди кæнуй, зæгъгæ. Е нийнæфтæй æма загъта:

– Е бæргæ хуарз æй, фал си махæн, фæсхонх цæрæг адæмæн, неци пайда ес.

– Цæмæннæ?

– Мæскуйæй уотæ ку игъосун кæнунцæ: «Коммунизм не за горами…» Гъома, махмæ не ’рбахъæртдзæнæй.

Мизди бæрцитæ фулдæр кæнуни гъуддаг дæр фулдæр хæттити уотæ рауайуй: федералон бюджетæй кæмæн федунцæ, уонæн æцæгæйдæр фæффулдæр унцæ, бунæттон бюджетти евгед ка ’й, етæ ба фулдæр хæттити фæффудевгед унцæ, еци бюджетти æхца уотемæйдæр нæ фагæ кæнуй…

Никки ба ма еу гъуддаг. Уæрæсей статистикон управлений бæрæггæнæнтæмæ гæсгæ, аци анз 1 августи уæнгæ, нæ бæсти косгутæн 472,4 миллион сомей бæрцæ мизд фист не ’рцудæй. Июли хæццæ рабаргæй, еци нимæдзæ фæффулдæр æй  30,7 проценти. Уонæн сæ 45% фист не ’рцудæнцæ аци анз, иннетæ ба исæвзурдæнцæ 2023 анзи (22,4%), кенæ 2022 æма уой размæ æнзти (32,6%).

Рафæлгæст бацæттæ кодта ГÆТИЙТИ Светланæ.