08 майя 2024

БÆРÆГБОН

25.11.2023 | 22:43

Цæгат Иристони цæрæг бердзейнæгти æхсæнадæ «Прометей»-и исарæзтбæл 35 анзи ке исæнхæст æй, уой фæдбæл нæ республики 10-19 ноябри рацудæнцæ бердзейнаг культури Бæнттæ. Уой фæдбæл арæзт мадзæлтти архайунмæ нæмæ иуазæгуати иссудæнцæ Уæрæсей бердзейнæгти национ-культурон автономий æнхæстгæнæг директор Людмилæ Малышева, автономий дирекций правлений иуонг Михаил Атмачиди, бердзейнаг зартæгæнæг æма музыкант Яннис Кофопулос, Уæрæсей иннæ устур сахарти бердзейнаг æхсæнæдти минæвæрттæ дæр. Иуазгути базонгæ кодтонцæ Цæгат Иристони зæрдæбæлдарæн рауæнти хæццæ, сæ зæрдитæ син барохс  кодтонцæ культурон программитæй.