26 апреля 2024

ХЪУЛЧИТИ Агкуй фурт Ӕхсарбег

15.10.2021 | 11:19

Хъулчити Агкуй фурт Ӕхсарбеги нӕ дзиллӕн амонун нӕ гъӕуй. Искурдиадӕгин хирург, медицинон науки архайӕг, ахургӕндтӕн сӕ зундгондӕртӕй еу, уой хъӕбӕр хуарз зонунцӕ айдагъ Иристони нӕ, фал уомӕй уӕлдай ма берӕ ӕндӕр рауӕнти Уӕрӕсей дӕр ӕма сауӕнгӕ фӕсарӕнти дӕр – ке ӕ уӕззау незтӕй фӕййервӕзун кодта, ка ба ин бӕрзонд аргъ кӕнуй ӕ агъазиау зонундзийнӕдтӕ ӕма фӕлтӕрддзийнади туххӕй. Ӕма ни федарӕй ӕруагӕс кӕнуй, уонӕй беретӕ 18 октябри Ӕхсарбегӕн зӕрдиагӕй арфитӕ кӕндзӕнӕнцӕ ӕ райгурӕн бони фӕдбӕл – ӕнхӕст ибӕл кӕнуй финддӕс ӕма ӕртинсӕй анзи. Мах дӕр ин зӕрдиагӕй арфӕ кӕнӕн ӕма мӕнӕ абони 4-5-аг фӕрстӕбӕл мухур кӕнӕн сӕрмагонд ӕрмӕг.