26 декабря 2024

МЕДИЦИНОН КЪАБАЗИ ГЪÆУАМА ÆРЦÆУА ХУАРЗ ÆЙЙИВДДЗИЙНÆДТÆ

28.01.2023 | 14:17

Куд нисангонд цæуй, уотемæй Цæгат Иристони куст цæудзæнæй цалдæр медицинон косæндонебæл: пульмонологон Центр æма онкологон диспансери райарæзт, Дзæуæгигъæуи 2-аг ниййарæндони бундорон цалцæг, уæдта Мæздæги райони центрон сæйгæдони фæзуати ниййарæндонæ, Хонсайраг поселокки сувæллæнтти тарнези сæйгæдонæ (45 бунати си уодзæнæй), тагъд медицинон агъази клиникон сæйгæдони инфекцион незти хайади бæстихай (100 бунати) æма Горæтгæрон райони фельдшерон-акушерон пункт Дачныйи гъæуи исаразун…

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма нæ республики æнæнездзийнади гъæуайкæнуйнади къабази райрæзтæн аци анз дехгонд æрцудæй 1,2 миллиард соми. Етæ гъæуама харзгонд æрцæуонцæ нæуæг медицинон косæндæнттæ исаразун æма раздæри косæндæнттæ нури домæнтæмæ гæсгæ  иснæуæг кæнунбæл. Уой фæдбæл архайди нисан æй адæмæн медицинон агъази хуæрзгъæдæдзийнадæ фæббæрзонддæр кæнун: медицинон объекттæ райаразун, хуастæй сæ исефтонг кæнун, хуарз цæттæгонд специалисттæ сæмæ æрветун.

*  *  *

Дзæуæгигъæуи арæзт æрцæудзæнæй   иуæнгтæ æма нервити системити незтæй гъигæдардцæуæг адæми медицинон реабилитаций амбулаторон хайадæ. Аци æма никкидæр ма ци гъуддæгутæ арæзт æрцæудзæнæй нæ республики, етæ комкоммæ ахедгæ хузи фæббæрæг уодзæнæнцæ адæмæн медицинон лæггæдти хуæрзгъæдæдзийнадæбæл. Уомæ гæсгæ ба уони царди рауадзунæн республики ’рдигæй агъазгонд цæудзæнæй, ци гæнæн æма амал уа, уомæй.

Медицинон реабилитаций амбулаторон хайадæ исаразуни ихæс æхемæ райста компани «ПремиумСтрой-Инвест».

*  *  *

Сæрмагонд тугъдон операций архайгæй ка фæццæф æй, еци æфсæддонтæн социалон-медицинон æгъдауæй фæййагъаз кæнунæн нæмæ фæззиндзæнæй сæрмагонд хайæдтæ. Арæзт æрцæудзæнæнцæ хецæн бригæдтæ дохтиртæй, психологтæй, юристтæй æма социалон косгутæй.