21 декабря 2024

УÆЛАХЕЗИ БОНМÆ

29.04.2023 | 15:42

«ÆНÆМÆЛГÆ ПОЛК» НÆ РАЦÆУДЗÆНÆЙ

Нæ бæсти еугур дзиллити цæсти дæр хъæбæр ка исцитгин æй, еци номерæн мадзал «Æнæмæлгæ полк» комкоммæ рацуди хузи арæзт не ’рцæудзæнæй. Уой туххæй фегъосун кодта мадзали Центрон штаби æмсæрдар, Паддзахадон Думи депутат Еленæ Цунаева.

Уой фæдбæл куд лæдæрун кæнунцæ, уотемæй регионтæ исараздзæнæнцæ  Устур Фидибæстон тугъди кадæн æндæр мадзæлттæ. – Цалдæр регионеми полкки рацудæн тæссагдзийнæдти туххæй «нæ» загътонцæ, нæ истори еу æй æма уæд æндæр фадуæттæй испайда кæнæн, – загъта депутат.

Хецаудзийнади ’рдигæй бæрнон адæймæгутæ куд лæдæрун кæнунцæ, уотемæй регионтæ исараздзæнæнцæ Устур Фидибæстон тугъди архайгути кадæн æндæр мадзæлттæ. Ке бафæндæуа, уони бон бауодзæнæй, Устур Фидибæстон тугъди ка фæммард æй, уони къартæ хуæдтолгитæбæл, социалон хизти, дзаумæуттæбæл исæвæрун. Раздæр ма æхсæнадон æзмæлд «Уæлахези бархеуонтæ»-йи сæрдар Ольгæ Занко куд радзурдта, уотемæй уæрæсейæгтæн сæ бон æй зæрдæбæлдарæн фарсбæл сæ хеуæнтти къартæ исæвæрун.

ÆРИМИСÆН СИН СÆ РОХС НÆМТТÆ

Нæ Цитгин Уæлахези бонмæ арæзт цæуй дзиллон номерæн мадзал «Сæ цæсгæнттæмæ син бакæсæ…».

Аци мадзали нисанеуæг æй – Дзæуæгигъæуи еугур рекламон уартитæбæл дæр 9 майи агъоммæ фæззиндзæнæнцæ Устур Фидибæстон тугъди архайгути агъазиау къартæ.

Мадзали архайун ке фæндуй, етæ сæ фæндæ гъæуама рагацау фегъосун кæнонцæ, кенæ Дзæуæгигъæуи Ватутини гъæунги 17-аг азгъунсти 311-аг косæнуатмæ 14 сахаттемæй 17 сахаттей уæнгæ бацæугæй, кенæ ба уордæмæ телефонæй бадзоргæй, телнфони номертæ æнцæ: 8(8672) 53-59-77.

 Дзæуæгигъæуи администраций пресс-службæ