30 апреля 2024

ЗÆРДÆБÆЛДАРÆН МАДЗАЛ

30.06.2023 | 23:40

Уæрæсей Географион æхсæнади хъæппæресæй арæзт æрцудæй автомарафон «Кавказский рубеж-2023». Æ нисан æй Устур Фидибæстон тугъди рæстæг советон æфсæдтæ немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй ке исуæгъдæ кодтонцæ, еци рауæнти зæрдæбæлдарæн бунæттæ бабæрæг кæнун. Мадзал райдæдта Краснодари крайæй æма идарддæр æ архайгутæ (дæс мин адæймагемæй фулдæр) бабæрæг кæндзæнæнцæ Цæгат Кавкази еугур регионтæ дæр.

Автомарафони архайгутæ евгъуд сабати исхъæрттæнцæ Цæгат Иристонмæ. Дзæуæгигъæуи сæбæл кадгин уавæри исиуазæг кодтонцæ нæ республики хецаудзийнади, ветеранти æма æндæр æхсæнадон организацити минæвæрттæ.